Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.
Лингвистикон аргъау.
Морфологоийы алæмæты бæстæйы цардысты номдартæ. Уыдон ахæм æмхуызон уыдысты , æмæ сæ уыцы бæстæйы иннæ цæрджытæ кодтой хæццæ. Æмхуызон та уыдысты цы асæй, цы æддаг бакастæй. Дзæвгар рæстæг хæццæ кодтой номдарты. Уыцы æмтъерыйы хъуыддæгтæм нал уыд Морфологийы бон кæсын æмæ сфæнд кодта æмхуызон номдартæн раттын нæмттæ . Алкæмæн дæр куыд уа йæхи сæрмагонд ном. Зæгъæм: чызг Алинæ, лæппу Алан, газет «Ирæф»,цæугæдон Терк, хъæу Дæргъæвс… Уыцы номдартæ иннæтæй уæлдай æвæрд æрцыдысты бæрзонддæр къæпхæныл æмæ иумæйаг номдарты сæрты сæрыстырæй кастысты.
Уæдæй фæстæмæ сæрмагонд номдартæ фыст цæуынц стыр дамгъæйæ.